https://sputnik-ossetia.com/20230407/aivady-brgbon-khussar-iry-festy-abkhazy-kulturyy-bont-22406460.html
Аивады бæрæгбон. Хуссар Иры фесты Абхазы культурæйы бонтæ
Аивады бæрæгбон. Хуссар Иры фесты Абхазы культурæйы бонтæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацыд Абхазы культурæйы бонтæ сæхгæнын церемони. Концертон программæ бакодта зарæггæнæг, Чанбайы номыл... 07.04.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-04-07T10:01+0300
2023-04-07T10:01+0300
2023-04-07T11:07+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
театр
абхаз
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/06/22400352_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_38b335c788461e23ca85ba431cf95ac4.jpg
ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацыд Абхазы культурæйы бонтæ сæхгæнын церемони. Концертон программæ бакодта зарæггæнæг, Чанбайы номыл Абхазаг драмон театры актрисæ Хибла Мукба æмæ банысан кодта, Абхазы артисттæ зæрдиагæй кæй æрцыдысты æфсымæрон Хуссар Ирыстонмæ.Æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æдзæмæй алæугæйæ ссардтой Фыдыбæстæйы зынгхуыст хъайтарты рухс нæмттæ.Абхазы артисттæ балхæдтой республикæйы цæрджыты зæрдæтæ ирд вокал æмæ хореографийæ.Мадзалы кæрон паддзахадон ансамбль "Симд" сæххæст кодта уазджытæн зарæг "Рица" ирон æмæ абхазаг æвзæгтыл. Концерты фæстæ мадзал адарддæр ис официалон хайæ.Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан банысан кодта, дыууæ адæм дæр кæй сты баст историон æгъдауæй.Абхазы минæвар Хуссар Ирыстоны бузныг загъта артисттæн ирд ралæуды тыххæй, афтæ ма Абхазы культурæйы бонты организатортæн дæр.Хуссар Ирыстоны культурæйы министр Зæгъойты Рада банысан кодта, абхазаг артисттæ кæй балæвар кодтой республикæйы цæрджытæн æртæ ирд боны. Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, 31 майы Хуссар Ирыстоны делегаци ацæудзæн балцы Абхазмæ.Йæ ныхæстæм гæсгæ, Сухумы се ‘сфæлдыстад бавдисдзысты Паддзахадон драмон театр æмæ Паддзахадон ансамбль "Симд".Абхазæй делегацийы æрцыды фæлгæтты мадзæлттæ райдыдтой 5 апрелы Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры. Абхазы Паддзахадон фæсивæдон театр бавдыста кæсджытæн спектакль "Третий день войны" Абхазы адæмон фыссæг Шалодий Аджинджалы радзырдты мотивтæм гæсгæ.
абхаз
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/06/22400352_171:0:2902:2048_1920x0_80_0_0_790103def0067fa3ea2e866538cfeb0b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, театр, абхаз
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, театр, абхаз
ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацыд Абхазы культурæйы бонтæ сæхгæнын церемони. Концертон программæ бакодта зарæггæнæг, Чанбайы номыл Абхазаг драмон театры актрисæ Хибла Мукба æмæ банысан кодта, Абхазы артисттæ зæрдиагæй кæй æрцыдысты æфсымæрон Хуссар Ирыстонмæ.
Æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æдзæмæй алæугæйæ ссардтой Фыдыбæстæйы зынгхуыст хъайтарты рухс нæмттæ.
Абхазы артисттæ балхæдтой республикæйы цæрджыты зæрдæтæ ирд вокал æмæ хореографийæ.
Мадзалы кæрон паддзахадон ансамбль "Симд" сæххæст кодта уазджытæн зарæг "Рица" ирон æмæ абхазаг æвзæгтыл. Концерты фæстæ мадзал адарддæр ис официалон хайæ.
Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан банысан кодта, дыууæ адæм дæр кæй сты баст историон æгъдауæй.
"Нырыккон историйы дæр мах иу рæстæджы хъахъхъæдтам нæ республикæты хæдбардзинад. Мах алы зындзинадыл дæр фæуæлахиз стæм иумæ. Мах æнкъардтам нæ страгион партнер – Уæрæсейы Федерацийы æххуыс дæр", - загъта президент.
Абхазы минæвар Хуссар Ирыстоны бузныг загъта артисттæн ирд ралæуды тыххæй, афтæ ма Абхазы культурæйы бонты организатортæн дæр.
Хуссар Ирыстоны культурæйы министр Зæгъойты Рада банысан кодта, абхазаг артисттæ кæй балæвар кодтой республикæйы цæрджытæн æртæ ирд боны. Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, 31 майы Хуссар Ирыстоны делегаци ацæудзæн балцы Абхазмæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Сухумы се ‘сфæлдыстад бавдисдзысты Паддзахадон драмон театр æмæ Паддзахадон ансамбль "Симд".
Абхазæй делегацийы æрцыды фæлгæтты мадзæлттæ райдыдтой 5 апрелы Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры. Абхазы Паддзахадон фæсивæдон театр бавдыста кæсджытæн спектакль "Третий день войны" Абхазы адæмон фыссæг Шалодий Аджинджалы радзырдты мотивтæм гæсгæ.