Актёрон факультеты студентты хайадистӕй театры сног кӕндзысты трагеди "Ныййарӕджы кадӕг"

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахадон театр
Паддзахадон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ацы мӕй Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры сценӕйыл равдисдзысты ирон классикон уацмыс "Ныййарӕджы кадӕг" ног скондӕй. Спектаклы архайдзысты актёрон факультеты студенттӕ, радзырдта Sputnik сгуыхт артисткӕ Натия Чохели.
Гаглойты Владимиры уацмысмӕ гӕсгӕ "Ныййарӕджы кадӕг" фӕстаг хатт сӕвӕрдтой сценӕйыл 2015 азы, фӕлӕ йӕ стӕй систой репертуарӕй сӕйраг хъайтар Галуанты Людмилӕйы ацыды фӕстӕ.
"Спектакль ногӕй ӕвӕрд цӕуы театры ног фӕлтӕримӕ - актёрон факультеты студенттимӕ. Ӕввахс мӕй йӕ рахӕсдзыстӕм сценӕмӕ", - загъта Натия Чохели.
Гаглойты Владимиры пьесӕ "Ныййарӕджы кадӕг"-мӕ гӕсгӕ спектакль Хуссар Ирыстоны сценӕйыл фӕстаг хатт сӕвӕрдта режиссер Дзуццаты Тамерлан. Спектаклы ӕвдыст цӕуы Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты рӕстӕджы ирон бинонты трагикон хъысмӕт — ныййарӕгӕн йӕ авд фыртӕй хӕсты быдырӕй ничиуал ӕрӕздӕхт.
Ног хабӕртты лентӕ
0