Дзæуджыхъæуы æруромдзысты трамвайты змæлд Вахтанговы Хæдзары баконды тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянДзæуджыхъæу
Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 апр - Sputnik. Дзæуджыхъæуы администрацийы фехъусын кодтой, къуырисæры, 24 апрелы, кæй æруромдзысты трамвайты змæлд "Сæрибардзинады" фæзуатыл.
"Дзæуджыхъæуы центры 24 апрелы æруромдзысты трамвайты змæлд монтажон куыстыты тыххæй "Сæрибардзинады" фæзуатыл, уым æвæрдзысты сценæ Вахтанговы Хæдзары баконды бонмæ", - дзырдæуы горæты администрацийы хъусинаджы.
Реконструкцийы проект бацыд юбилейон мадзæлтты номхыгъдмæ театры 100 азы юбилеймæ, кæцы ацыд 2021 азы. Раздæр куыд хъусын кодтой, афтæмæй центры фыццаг уæладзыгыл уыдзæн чысыл театралон-концертон зал, дыккагыл та – сцалцæг кæндзысты Вахтанговы бинонты цæрæн апартаменттæ. Афтæ ма дзы бакæндзысты кафе æмæ уагъд цæудзысты экскурситæ.
Вахтанговы Хæдзар бакæндзысты 30 апрелы. Дзæуджыхъæумæ æрцæудзысты 300-йæ фылдæр уазæджы. Изæры, Хæдзар-музейы баконды фæстæ, 19.30 сахатыл Сæрибардзинады фæзуатыл цæрджытæн æмæ Дзæуджыхъæуы уазджытæн равдисдзысты бæрæгбонон концерт "ВАХТАНГОВ. ПУТЬ ДОМОЙ" Паддзахадон академион театры артистты хайадистæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0