Хуссар Иры парламенты нывæндынц фæкарздæр кæнын вейпты фæдыл закъон

© Рixabay / DovpoВейп
Вейп - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 апр – Sputnik. Парламенты социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады фæдыл комитет дарддæр кусы Хуссар Ирыстоны вейпты æрбаласт, рауагъд æмæ парахатыл тобæйы фæдыл закъоныл. Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл проектмæ æркастысты комитеты рабадтыл, кæцы ауагъта Плиты Александр, хъусын кæны цыппæрæмы парламенты пресс-службæ.
Уый размæ парламентмæ бахастой ивындзинæдтæ закъонмæ, уырдæм бафтыдтой бæрндзинад вейптæ æвæрыны тыххæй дæр.
Парламенты пресс-службæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй закъоны проектмæ гæсгæ фæфылдæр уыдзысты административон ивартæ электронон тамакоты тобæ фехалыны тыххæй.
"Уымæй дарддæр ивындзинæдты руаджы æххæстæй реализаци цæудзысты контролон æмæ цæстдардон æххæстбартæ", - бафтыдтой уагдоны.
Закъоны проектыл дарддæр дзырд цæудзæн Хуссар Ирыстоны парламенты президиумы радон рабадтыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0