Парламенты æркастысты Арбитражон тæрхондоны сæрдар æмæ тæрхонгæнджыты кандидатурæтæм

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ Парламент
РХИ Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 мая – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Арбитражон тæрхондоны сæрдар æмæ тæрхонгæнджыты кандидатурæтæм, кæцыты бавдыста президент Гаглойты Алан, æркастысты законад æмæ бынæттон хæдразамынады фæдыл парламентон комитеты рабадтыл, фехъусын кодта цыппæрæмы закондæттæг органы пресс-службæ.
© Photo : Пресс-служба парламента РЮОПарламенты æркастысты Арбитражон тæрхондоны сæрдар æмæ тæрхонгæнджыты кандидатурæтæм
Заседание парламентского комитета по законодательству, законности и местному самоуправлению - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2023
Парламенты æркастысты Арбитражон тæрхондоны сæрдар æмæ тæрхонгæнджыты кандидатурæтæм
Парламенты банысан кодтой, республикæйы Арбитражон тæрхондоны сæрдары бынатмæ паддзахады сæргълæууæг кæй банхъардта снысан кæнын Лалыты Иринайы, тæрхонгæнджыты бынæттæм та – Æлборты Мæдинæ, Гойаты Роман æмæ Тедеты Оксанайы.
Афтæ ма комитеты рабадтыл æркастысты Хацырты Виолеттайы Хуссар Ирыстоны Арбитражон тæрхондоны сæрдары хæдивæджы бынатæй ссæрибар кæныны фарстмæ.
Кандидатурæтæм æркаст адарддæр уыдзæн парламенты президиумы радон рабадтыл, бахахх кодтой пресс-службæйы.
© Photo : Пресс-служба парламента РЮОПарламенты æркастысты Арбитражон тæрхондоны сæрдар æмæ тæрхонгæнджыты кандидатурæтæм
Заседание парламентского комитета по законодательству, законности и местному самоуправлению - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2023
Парламенты æркастысты Арбитражон тæрхондоны сæрдар æмæ тæрхонгæнджыты кандидатурæтæм
Ног хабӕртты лентӕ
0