Хуссар Иры депутаттӕ аскъуыддзаг кодтой ӕххуыс кӕнын сӕ мыздӕй СӔО ирон хӕстонтӕн

© Sputnik / Кирилл Нортон /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры депутаттӕ аскъуыддзаг кодтой ӕххуыс кӕнын сӕ мыздӕй СӔО ирон хӕстонтӕн
Хуссар Иры депутаттӕ аскъуыддзаг кодтой ӕххуыс кӕнын сӕ мыздӕй СӔО ирон хӕстонтӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕмбырд цӕуы радон гуманитарон уӕз Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайӕг ирон хӕстонтӕн. Дарӕс, техникӕ ӕмӕ хӕлцады егъау парти ӕлхӕд ӕрцӕудзӕн парламенты депутатты мыздтӕй, сæ хайбавӕрд бахӕсдзысты хицауад ӕмӕ республикӕйы цӕрджытӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта парламенты депутат, ӕххуысы организатор Къуезерты Арсен.
Ӕххуыс йӕ нысаныл сӕмбӕлдзӕн мӕйы райдайӕны.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы ирон хӕстонтӕн баххуыс кӕнын фӕнд апарахат ис ӕппӕт адӕмыл.
"Ныр ӕртӕ мӕйы парламенты депутаттӕ хицӕн кӕнынц сӕ куысты мыздӕй фӕрӕзтӕ. Президент Гаглойты Алан, премьер Джуссойты Константин, Национ банчы хистӕр Джиоты Жанна ныфс радтой баххуыс кӕнынӕй. Уымӕй дарддӕр ма амалиуӕггӕнӕг Знауыры районӕй радта 50 банка мыд, донуадзӕг хъавы радтын фондз тонн дон, шофыртӕ ныфс радтой та ӕнӕаргъӕй уӕз нылласын бынатмӕ",- загъта уый.
Закъондӕттӕг орган фыццаг хатт нӕ раразмӕ кодта гуманитарон ӕххуыс саразыны инициативӕ. Ныр цалдӕр хатт депутаттӕ уыдысты СӔО зонӕйы гуманитарон миссиимӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0