Хуссар Иры фæзындзæн Фæллойад æмæ социалон райрæзты министрад

© Sputnik / Аслан Тедеев РХИ хицауад
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 май – Sputnik, Козаты Диана. Социалон блок рахицæн кæндзысты Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады структурæйæ хицæн уагдонмæ. Ахæм фæдзæхст къуырисæры радта президент Гаглойты Алан йæ ныстуаны рæстæджы адæм æмæ парламентмæ.
Къуырисæры паддзахады сæргълæууæг ралæууыд ныстуанимæ Хуссар Ирыстоны адæм æмæ парламентмæ бæстæйы уавæр æмæ мидæггагон æмæ æддагон политикæйы сæйраг здæхтыты фæдыл.
Президенты ныхæстæм гæсгæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады фадыджы бирæнымæц проблемæтæ скъуыддзаг кæныны рæстæджы социалон къабаз баззайы æнæ хъусдардæй.
"Æз аскъуыддзаг кодтон рахицæн кæнын æппæт социалон блок Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæй æмæ саразын Фæллойад æмæ социалон райрæзты министрад. Хъæуы ауадзын социалон политикæйы ревизи æмæ æххуыс кæнын иууыл фылдæр кæй хъæуы, уыдонæн", - загъта Гаглойты Алан.
Ног хабӕртты лентӕ
0