Хуссар Иры сараздзысты туризмы райрæзты фæдыл Агентад

© Sputnik / Ада БагианЭрцъо
Эрцъо - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бахæс кодта саразын Хуссар Ирыстоны туризмы райрæзты фæдыл Агентад.
Президенты фæдзæхст здæхт уыд экономикон райрæзты министрадмæ, кæцыйы дæлбар ныртæккæ ис туризмы фæдыл фæткдаруат.
Гаглойты Алан схуыдта туризм экономикон архайды иууыл перспективондæр къабазтæй иу. Паддзахады сæргълæууæг бахахх кодта, республикæйы стыр потенциалимæ туризмы фадыджы фæстиуджытæ нырма нæй.
"Мах хъæуы фæивын архайд ацы къабазы. Хæслæвæрд дæттын экономикон райрæзты министрадæн, цæмæй саразой туризмы райрæзты фæдыл Агентад", - загъта президент.
Паддзахады сæргълæууæг къуырисæры ралæууыд ныстуанимæ адæм æмæ парламентмæ. Йæ раныхасы президент йæ хъус æрдардта æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон райрæзты къабазмæ, туризмы фадыгмæ барадхъахъхъæнæг органты уавæрмæ, фæсивæдон политикæмæ, куыстбынæттимæ уавæрмæ, зæххы фадыджы проблемæтæм, афтæ ма паддзахадон арæны демаркаци æмæ делимитацимæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0