https://sputnik-ossetia.com/20230530/kotsoyty-arsen-tsy-uydzn-tsy-23612161.html
КОЦОЙТЫ АРСЕН. ЦЫ УЫДЗÆН, ЦЫ?
КОЦОЙТЫ АРСЕН. ЦЫ УЫДЗÆН, ЦЫ?
Тæскъ уæрдоны фæстæ баст куы фæци, уæд Хъуыдайнат хурыскæсæнырдæм фæкасти æмæ сдзырдта æххуырстмæ: 30.05.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-05-30T13:50+0300
2023-05-30T13:50+0300
2023-05-30T13:50+0300
коцойты арсен.уацмыстæ
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/05/1e/23611995_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_de0cf98ec8c8fc8326e7ebd218524cb4.png
КОЦОЙТЫ АРСЕН. ЦЫ УЫДЗÆН, ЦЫ?
КОЦОЙТЫ АРСЕН. ЦЫ УЫДЗÆН, ЦЫ?
Тæскъ уæрдоны фæстæ баст куы фæци, уæд Хъуыдайнат хурыскæсæнырдæм фæкасти æмæ сдзырдта æххуырстмæ:— Сæуæхсид бæрæг кæнын байдыдта. Фезмæл, Степан, хос æрбадав, дуар бакæн — æрæджы мын кæны!Бæх йæ бынаты æнцад нæ лæууыди, цыма йæ бындзытæ хордтой, æмæ-иу уæрдон куы фемзæлыди, уæд-иу тæсчъы мидæг кæрчытæ, бабызтæ æмæ хъазтæ алы æвзагæй сæрдиаг кодтой, цыма æмбæрстой, сæ райгуырæн кæртæй сæ дард бæстæм уæймæ кæй ласынц.Хъуыдайнат ма бæхы ифтындзыныл архайдта, афтæ Госæзи, йæ бинойнаг, хордзены тыхтæй цыдæр радавта.— Стонджы дын куы уа, уæд дын мæнæ ам кæрдзыны къæбæр.Хъуыдайнат мидбылты бахудти,— зыдта, уым кæрдзыны къæбæр йеддæмæ ма ноджыдæр исты кæй уыдзæн.— Хæдойнаг, къæбæлтæ æмæ сæрак ма ферох кæн! — сдзырдта ус æмæ бараст и фæстæмæ хæдзармæ.Уалынмæ Степан, йæ къуылых къахыл хъеллау кæнгæйæ, хъæбысы дзаг хос æрбадавта æмæ йæ уæрдоны гуыффæйы æрæфсæрста...Дарддæр хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/05/1e/23611995_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_77070f6d4ffcf8f877482a1106e8a155.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
Тæскъ уæрдоны фæстæ баст куы фæци, уæд Хъуыдайнат хурыскæсæнырдæм фæкасти æмæ сдзырдта æххуырстмæ:
— Сæуæхсид бæрæг кæнын байдыдта. Фезмæл, Степан, хос æрбадав, дуар бакæн — æрæджы мын кæны!
Бæх йæ бынаты æнцад нæ лæууыди, цыма йæ бындзытæ хордтой, æмæ-иу уæрдон куы фемзæлыди, уæд-иу тæсчъы мидæг кæрчытæ, бабызтæ æмæ хъазтæ алы æвзагæй сæрдиаг кодтой, цыма æмбæрстой, сæ райгуырæн кæртæй сæ дард бæстæм уæймæ кæй ласынц.
Хъуыдайнат ма бæхы ифтындзыныл архайдта, афтæ Госæзи, йæ бинойнаг, хордзены тыхтæй цыдæр радавта.
— Стонджы дын куы уа, уæд дын мæнæ ам кæрдзыны къæбæр.
Хъуыдайнат мидбылты бахудти,— зыдта, уым кæрдзыны къæбæр йеддæмæ ма ноджыдæр исты кæй уыдзæн.
— Хæдойнаг, къæбæлтæ æмæ сæрак ма ферох кæн! — сдзырдта ус æмæ бараст и фæстæмæ хæдзармæ.
Уалынмæ Степан, йæ къуылых къахыл хъеллау кæнгæйæ, хъæбысы дзаг хос æрбадавта æмæ йæ уæрдоны гуыффæйы æрæфсæрста...
Дарддæр хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.