Нарты кадджытæ. Уæрхтæнæг æмæ йæ фырт сыбæлц

Нарты кадджытæ. Уæрхтæнæг æмæ йæ фырт сыбæлц
Рафыссын
Уæрхтæнæг Нарты зæрæдтæй уыди æмæ æвæстаг кодта йæхи. НАртæ дзырдтой Уæрхтæнæгæн:
- Ус æрхæсс, æмæ дæ мыггаг уæрæх ацæуа, мах тæнæг лæг нæ хъæуы.
- Кæй мын хæссын кæнут? Ме взонгæй мæ зæронды бонтæм æнхъæлмæ кæмæ фæкастæн, уый мæ къухы нæ бафтыд, æндæр та мæ хъæугæ ничи кæны.
- Омæ чи у? Æнхъæлмæ кæмæ кастæ æмæ ныр дæр ма æнхъæлмæ кæмæ кæсыс?
- Цы уын æй дзурон? Фондзыссæдз сагсур лæппуйы мæ кæд уа, уæд сын æй фенын кæндзынæн.
Нарты Уæрхтæнæджы тыххæй фондзыссæдз сагсур лæппуйы фæхицæн кодтой æмæ йын зæгъынц:
- Кæй агурыс, уыдон ысты. Кæдæм сæ кæныс?
- Уæдæ уал рацæуæнт мæ фæдыл.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0