Совфед: Уæрæсейы уæвынад Хуссар Ир, Абхаз æмæ ОДКБ-йы паддзахадты хъæуы фæтынгдæр кæнын

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæСовфед: Уæрæсейы уæвынад Хуссар Иры, Абхазы æмæ КÆБО-йы паддзахадты хъæуы фæтынгдæр кæнын
Совфед: Уæрæсейы уæвынад Хуссар Иры, Абхазы æмæ КÆБО-йы паддзахадты хъæуы фæтынгдæр кæнын - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 май — Sputnik. Уæрæсейы Совфеды хъахъхъæнынады комитеты сæргълæууæг Виктор Бондаревы хъуыдымæ гæсгæ, Вашингтоны знагиуæг политикæ Уæрæсейы ныхмæ æркодта уæрæсейаг æфсæддон базæтæ саразынмæ фæсарæнты, уыимæ иумæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы.

"Уæрæсейы ныхмæ знагиуæг политикæ тынгдæр кæй кæны, уый тыххæй æнæмæнгхъæуæг у саразын уæрæсейаг æфсæддон базæтæ фæсарæнты. Советон Цæдис уазал хæсты дуджы уыдис æфсæддон базæты парахат хызæг Скæсæйнаг Европæ, афтæ ма хуссар-скæсæйнаг Азийы (Вьетнамы) æмæ Кубæйы", - æрхаста Бондаревы цитата РИА Новости.

Эксперты ныхæстæм гæсгæ, ныры уавæры "уæрæсейæн æнæмæнгхъæуæг у йæ уæвынад фæтынгдæр кæнын ОДКБ паддзахадты, афтæмæй ма УФ кæй хæдбардзинад банымадта, уыцы Республикæты – Абхаз, Хуссар Ирыстон, афтæ ма Приднестроваг Молдаваг Республикæйы дæр".
Ног хабӕртты лентӕ
0