Цхинвалы ацæудзæн бæрæгбонон мадзал Сывæллæтты хъахъхъæныны бонмæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Сывæллæтты хъахъхъæныны бон
Сывæллæтты хъахъхъæныны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 май – Sputnik. Цхинвалы Театралон фæзуатыл 1 июны ацæудзæн бæрæгбонон мадзал Сывæллæтты хъахъхъæныны æхсæнадæмон бонмæ. Уый тыххæй хъусын кæны фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты пресс-службæ.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй мадзалы хайад райсыны фадат ис скъолайы агъоммæ æмæ скъолайы кары сывæллæттæн æмæ æвзонг бинонтæн сæ сабитимæ.
"Мадзал уагъд цæуы, цæмæй раргом кæнæм сывæллæтты сфæлдыстадон активондзинад, саразын уавæртæ сæ сфæлдыстадон потенциал рабæрæг кæнынæн, афтæ ма уый ахъаз уыдзæн сывæллæтты æхсæн æнæниз цард пропагандæ кæнынæн", - дзырдæуы хъусинаджы.
Сывæллæтты хъахъхъæныны æхсæнадæмон бон сфидар кодтой 1949 азы ноябры Парижы сылгоймæгты демократон æхсæнадæмон Федерацийы скъуыддзагæй æмæ йæ нысан кæнынц æрвылаз 1 июны 1950 азæй фæстæмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0