УФ Хъахъхъæнынады министрады радзырдтой украинæйаг дронты атакæйы лыстæгдзинæдтыл

© Sputnik / Виталий БелоусовУФ Хъахъхъæнынады министрад
УФ Хъахъхъæнынады министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.05.2023
Рафыссын
Киевы режим бафæлвæрдта террористон атакæ æнæпилотон тæхæг аппаратты руаджы Мæскуыйыл абон райсомæй
ЦХИНВАЛ, 30 май – Sputnik. Мæскуыйы объекттыл атакæйы архайдтой аст æнæпилотон тæхæг аппараты. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй ныхмæлæууæджы дронты иууылдæр скуынæг кодтой.
"Уыдонæй æртæйы æрлæууын кодтой радиоэлектронон тохы фæрæзтæй, уыдон фесæфтой сæ фæткдаруат æмæ ахызтыстысты сæ нысæнттæй", - бафтыдтой уагдоны.
Ноджы ма фондз æнæпилотон тæхæг аппараты та æрыппæрстой зенитон ракетон комплекс "Панцирь-С" Подмосковьейы.
Ног хабӕртты лентӕ
0