Хуссар Иры срегистраци кодтой парти "Ирон"-ы регионалон хайæдтæ

© Sputnik / Наталья Айриян Хуссар Ирыстоны парламентмæ æвзæрстытæ
 Хуссар Ирыстоны парламентмæ æвзæрстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрад райста скъуыддзаг Республикон социалистон политикон парти "Ирон"-ы регионалон хайæдты паддзахадон регистрацийы фæдыл.
Парти "Ирон"-ы сæйраг хайады регистраци Юстицийы министрад райста 2023 азы 19 майы, партийы сæрдар у Къæбысты Георгий.
"Уæ зæрдыл уын дарæм, политикон партийæн æвзæрстыты хайад райсыны бар ис, кæд æмæ йæ хайæдтæ иууылдæр регистраци рацæуой æвзæрстытæ ауадзынæй иу аз раздæр", - дзырдæуы уагдоны пресс-службæйы хъусинаджы.
Афтæмæй ныртæккæ Хуссар Ирыстоны парламентмæ æвзæрстыты хайад райсыны бар ис дæс политикон партийæн – "Республикæ Хуссар Ирыстоны коммунистон парти", "Иудзинад", "Иугонд Ирыстон", "Адæмы иудзинад", "Ныхас", "Адæмон парти", "Фыдыбæстæ", "За справедливость", "Ирыстоны Ног Фæлтæр" æмæ "Ирон".
Ног хабӕртты лентӕ
0