https://sputnik-ossetia.com/20230613/gumanitaron-uarg-khussar-iry-alasdzysty-srmagond-fsddon-operatsiyy-zonm-23850910.html
Гуманитарон уаргъ Хуссар Ирæй аласдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ
Гуманитарон уаргъ Хуссар Ирæй аласдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 13 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ æрласдзысты гуманитарон уаргъ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Мелитопольмæ... 13.06.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-06-13T13:06+0300
2023-06-13T13:06+0300
2023-06-13T13:06+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры парламент
гаглойты алан
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/06/0c/23834787_0:170:3039:1879_1920x0_80_0_0_0a4b9e291c92a08c01950c20f6ab9fc5.jpg
ЦХИНВАЛ, 13 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ æрласдзысты гуманитарон уаргъ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Мелитопольмæ уаргъ æрласдзысты депутаттæ Къвезерты Арсен, Мулдарты Гарри, Остъаты Роберт æмæ Сланты Иван.Хæстонтæн балхæдтой æнæмæнгхъæугæ дзауматæ – цардуагон хими, хæлцадон продукттæ, бастдзинады фæрæзтæ, æфсæддон дарæс, загъта депутат Мулдарты Гарри.Балцы организатор уыд Къвезерты Арсен, кæцы банысан кодта, гуманитарон æххуыс балхæнынæн кæй баххуыс кодтой президент Гаглойты Алан, парламент, хицауад, таможнæйон комитет, Нацбанк æмæ æндæртæ.Уый размæ депутатты хъæппæрисæй Хуссар Ирыстоны Нацбанчы бакодтой сæрмагонд хыгъд, уырдæм цæуынц финансон фæрæзтæ депутатты мыздæй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/06/0c/23834787_155:0:2886:2048_1920x0_80_0_0_e99e35a43f50a9171023b36892a8cd4d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент, гаглойты алан, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент, гаглойты алан, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ЦХИНВАЛ, 13 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ æрласдзысты гуманитарон уаргъ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Мелитопольмæ уаргъ æрласдзысты депутаттæ Къвезерты Арсен, Мулдарты Гарри, Остъаты Роберт æмæ Сланты Иван.
Хæстонтæн балхæдтой æнæмæнгхъæугæ дзауматæ – цардуагон хими, хæлцадон продукттæ, бастдзинады фæрæзтæ, æфсæддон дарæс, загъта депутат Мулдарты Гарри.
Балцы организатор уыд Къвезерты Арсен, кæцы банысан кодта, гуманитарон æххуыс балхæнынæн кæй баххуыс кодтой президент Гаглойты Алан, парламент, хицауад, таможнæйон комитет, Нацбанк æмæ æндæртæ.
"Баххуыс кодтой республикæйы хуымæтæг цæрджытæ дæр. Цæвиттонæн, чидæр нæм радта мыды 50 банкæйы", - радзырдта Къвезерты Арсен.
Уый размæ депутатты хъæппæрисæй Хуссар Ирыстоны Нацбанчы бакодтой сæрмагонд хыгъд, уырдæм цæуынц финансон фæрæзтæ депутатты мыздæй.