Гаглойты Алан райста тæрхондоны пъырыстъыфты Федералон службæйы сæргълæууæджы

© Диана КозаеваГаглойты Алан райста тæрхондоны пъырыстъыфты Федералон службæйы сæргълæууæджы
Гаглойты Алан райста тæрхондоны пъырыстъыфты Федералон службæйы сæргълæууæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан дыццæджы райста тæрхондоны пъырыстъыфты Федералон службæйы директор Дмитрий Аристовы, кæцы æрцыд республикæмæ кусæгон балцы.
"Абон бафысдзысты меморандум, кæцымæ гæсгæ æмгуыстад кæндзыстæм алыхуызон къабазты, афтæ ма фæфылдæр кæндзыстæм юстицийы министрады кусджыты квалификаци", - загъта Гаглойты Алан.
Президент бахахх кодта, Хуссар Ирыстон здæхт кæй у йæ стратегион партнер – Уæрæсеимæ æмархайдмæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зын рæстæджы дæр Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ ссарынц рæстæг фембæлынмæ.
Дмитрий Аристовы ныхæстæм гæсгæ, уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг уагдæтты æхсæн арæзт цæуыц конструктивон хæларадон ахастытæ.
"Мæ зæрдæ райы, нæ нывæстытæ æххæст кæй цæуынц, уый тыххæй. Æз дын бузныг дзурын сæрмагонд фембæлдæн фадаты тыххæй", - банысан кодта Федералон службæйы сæргълæууæг.
Афтæ ма уый раарфæ кодта паддзахады сæргълæууæгæн æмæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы ‘рдыгæй банымайыны 15 азы юбилейы цытæн, кæцы республикæ банысан кæндзæн ацы аз августы.
Ног хабӕртты лентӕ
0