Хуссар Иры фæндагон змæлдыл рæстæгмæ сæвæрдзысты арæнæвæрд

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны фæндагон змæлдыл рæстæгмæ сæвæрдзысты арæнæвæрд
Хуссар Ирыстоны фæндагон змæлдыл рæстæгмæ сæвæрдзысты арæнæвæрд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитет (ПÆК) хъусын кæны республикæйы цæрджытæн 21 июны райсомы 11 сахатæй изæры 6 сахатмæ уагъд цæудзысты нывæстон ахуырадон мадзæлттæ. Уымæ гæсгæ, автомобилон змæлд æхгæд уыдзæн микрорайон "Хурзæрин"-æй Цхинвалы районы Присы хъæуы онг.
Уымæй дарддæр ма уыцы бон сихоры 2 сахатæй фæстæмæ Гуфтайы хъæуы Цхинвал – Дзау æмæ Гуфта – Къуаиса автомагистралтыл фæндагон змæлдыл цыбыр рæстæгмæ сæвæрдзысты арæнæвæрд.
Ног хабӕртты лентӕ
0