Хуссар Иры райдыдта турнир футболæй МСНК командæты 'хсæн

© МВД Республики Южная ОсетияХуссар Ирыстоны райдыдта турнир футболæй СМНК командæты ᾿хсæн
Хуссар Ирыстоны райдыдта турнир футболæй СМНК командæты ᾿хсæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 июн - Sputnik. Цхуырбаты Гурамы номыл стадионы Цхинвалы райдыдта Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды (МСНК) дæлхайадты ᾿хсæн турнир футболæй. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службæ.

"Ерысты фыццаг боны æнтыстытæ уыдысты 1-аг æмæ 2-аг оперативон ротæйæн – рамбылдтой æмхуызон хыгъдтимæ 4:2 моторотæтæ æмæ фæткдаруаты Къорды командæты", - дзырдæуы хъусинаджы.

Æхсæз командæйы ерыс кæндзысты фондз боны дæргъы. Уæлахиздзау сбæрæг уыдзæн нысæнтты фылдæр нымæцмæ гæсгæ. Турнир балхынцъ кæндзысты уæлахиздзаутæ æмæ призерты кубоктæ æмæ грамотæтæй хорзæхкæныны церемонийæ.
МСНК дæлхайадтæй спорты алыхуызон хуызтæй ерыстæ уагъд цæуынц æрвылаз. Ерысты нысан у физикон культурæйы райрæзт, мидхъуыддæгты органты кусджыты ᾿хсæн хуыздæр спорсменты рабæрæг кæнын, афтæ ма кусджыты ᾿хсæн æмбаладон ахастытæ сфидар кæнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0