Транскам рæстæгмæ сæхгæдтой

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Æвзæр боныгъæды аххосæй Транскамыл рæстæгмæ æрурæдтой фæндагон змæлд, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Æвзæр боныгъæд, афтæ ма автотранспортæн æдас змæлд сæххæст кæнын фадат кæй нæй Транскавказаг автомагистралы тобæ сæвæрдтой фæндагон змæлдыл цæрæн пункт Буронæй Ручъы тоннелы Цæгаттаг порталы онг 2023 азы 20 июны 14.00 сахатæй сæрмагонд барамынды онг.
Ног хабӕртты лентӕ
0