Хуссар Иры цӕттӕ кӕнынц мыхуырмӕ СФХ архайджыты хуызистимӕ дыккаг номыр

© Пресс-служба президента РЮОÆнусон арт
Æнусон арт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны цӕттӕ кӕнынц мыхуырмӕ газет "Республика"-йы дыккаг сӕрмагонд номыр Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты архайджыты хуызисттимӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн газеты редактор Хъоцыты Андрей.
Фыццаг номыр рацыд дыууӕ азы размӕ, уӕд рауагъдмӕ бацыд ӕфсӕддонты 1075 хуызисты.
"Редакци "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-имӕ иумӕ ныр цалдӕр азы ӕмбырд кӕны информаци. Ныридӕгӕн куыст цӕуы дыккаг номыры ӕрмӕгыл. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Хуссар Ирыстонӕй хӕсты бындырмӕ чи фӕцыд, уыдон хуызисттӕм. Сабырад чи ӕрхаста, уыдон раз мах хӕсджын стӕм, цӕмӕй сын сӕ ном сӕнусон кӕнӕм", - загъта уый.
Уый ма хъусдард аздӕхта, адӕм тынг уӕлӕнгай ахаст дарынц ацы фарстмӕ.
"Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Хуссар Ирыстонӕй хӕстмӕ ацыд 21 мин адӕймаджы, уыдонӕй 11 фӕмард сты хӕсты, 7 мин фесӕфтысты ӕбӕрӕгӕй, сӕ хӕдзӕрттыл сӕмбӕлд ӕрмӕстдӕр ӕртӕ мины. Уӕ хъус ӕрдарут ацы бӕрӕггӕнӕнтӕм, уый бӕрц адӕм бабын ӕмӕ махмӕ нырма дыууӕ мин портрет не 'рымбырд", - бафтыдта Хъоцыты Андрей.
Уый ма бахахх кодта, газет рацӕудзӕн куыддӕр йын фаг ӕрмӕг ӕрӕмбырд уа, афтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0