Цхинвалы æвзонг цæрæджы æрцахстой халсарты дуканийæ æхца адавыны тыххæй

© Depositphotos.com / BrianAJacksonЦхинвадлы æвзонг цæрæджы æрцахстой халсæртты дуканийæ æхца давды тыххæй
Цхинвадлы æвзонг цæрæджы æрцахстой халсæртты дуканийæ æхца давды тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 июн - Sputnik. Цхинвалы горæттаг мидхъуыддæгты фæткдаруаты кусджытæ æрурæдтой столицæйы 16-аздзыд цæрæджы, халсарты дуканийæ æхца адавыны тыххæй йæм зæрдæ кæй фехсайдта, уый тыххæй, хъусын кæны цыппæрæмы Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службæ.
Адавды тыххæй милицийæн фехъусын кодта зианбаййафæг столицæйы 30-аздзыд цæрæг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æбæрæг гоймаг бацыд йæ халсарты дуканимæ æмæ адавта кассæйæ 30 мин сомы.

"Оперативон-фæдагуырдон мадзæлтты рæстæджы горæттаг мидхъуыддæгты фæткдаруаты кусджытæ сбæрæг кодтой æмæ æрурæдтой зæрдæхсайгæйы. Уый разынд столицæйы 16-аздзыд цæрæг", - радзырдтой МХМ.

Зæрдæхсайгæ басаст йæ азымыл, бакодтой йæ МХМ рæстæгмæдарæн хицæн камерæмæ, балхъынцъ кодтой уагдоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0