Дзӕуджыхъӕуы дарддӕр уагъд цӕуынц куыстытӕ фӕндӕгты цалцӕджы фӕдыл

© Пресс-служба АМС Владикавказа.Дзӕуджыхъӕуы дарддӕр уагъд цӕуынц куыстытӕ фӕндӕгты цалцӕджы фӕдыл
Дзӕуджыхъӕуы дарддӕр уагъд цӕуынц куыстытӕ фӕндӕгты цалцӕджы фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июл - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы дарддӕр уагъд цӕуы фӕндӕгты цалцӕг муниципиалон программӕ "Дзӕуджыхъӕуы транспортон инфраструктурӕйы райрӕзт"-ы фӕлгӕтты, хъусын кӕны ПТРК "Алания".
Ӕввахс рӕстӕджы бакӕндзысты фӕндаг Лагкуты Борисы уынгыл.
"Ӕртӕ сӕдӕ метры дӕргъӕн фӕндаг иу кӕндзӕн Кварсногвардеон зылд Темирты ӕфсымӕрты уынгимӕ. Фӕндагон службӕтӕ ныридӕгӕн аразынц тротуартӕ, ӕвӕрынц бордюртӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ӕмрӕстӕджы уадзынц куыстытӕ ливневкӕты канализаци ауадзыны фӕдыл. Грибоедовы уынгыл специалистты хъӕуы сцалцӕг кӕнын фӕндаджы 800 метры.
Ног хабӕртты лентӕ
0