Форум "Pro Кавказ"-ы радзырдтой СÆО зонæйы журналисты куысты тыххæй

© Sputnik / Дзерасса ТеховаФорум "Pro Кавказ"-ы радзырдтой СÆО зонæйы журналисты куысты тыххæй
Форум Pro Кавказ-ы радзырдтой СÆО зонæйы журналисты куысты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2023
Рафыссын
Дзæужыхъæу, 13 июл — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Раздзог æфсæддонтæ нæ уарзынц камерæ, нæ уарзынц журналистты, фæлæ ацы куыст у æнæмæнгхъæуæг, загъта æфсæддон корреспондент Мамсыраты Георги (Ксанти) медиафорум "Pro Кавказ"-ы хайадисджытимæ фембæлды. Уый зæрдыл бадардта, фæстаг рæстæджыты журналисттæн сæ къухы кæй бафтыдис Украинæйæ арæзт цалдæр ахсджиаг фейкы.

"Æппæты æвирхъау фейк уыдис видео, æвæрд мыримæ, ирон ныхасыгъæд дæр нæ уыд афтæмæй, ирон батальонты æфсæддонтæн кæй нæ æххуыс кæнынц æмæ кæй аздæхтысты. Раргом æй кодтам æрдæг сахатмæ, фæлæ зæрдæйы баззадис – ацы фейк фæсфронтыл сæмбæлд", - загъта Ксанти.

Уый ма бафтыдта, СÆО журналисттæн куыст кæй ис тынг бирæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0