Хуссар Ир майрæмбоны рæстæгмæ баззайдзæн æнæ Интернетæй

CC0 / 3844328 / RouterWi-Fi роутер
Wi-Fi роутер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны майрæмбоны, 14 июлы, æруромдзысты интернет-провайдер "Юг-Телеком"-ы куыст цалцæггæнæн куыстыты тыххæй, фехъусын кодтой Sputnik-æн компанийы.
Интернет нæ кусдзæн майрæмбоны 9.00 сахатæй 15.00 сахатмæ.

"Нæ абоненттæн фадат нæ уыдзæн пайда кæнын Интернетæй сæйраг хаххыл куыстыты тыххæй, кæцы бахъыгдард тыхдымгæты рæстæджы", - загътой компанийы.

Хуссар Ирыстоны "Юг-Телеком" компанийы Интернетæй пайда кæнынц столицæйы цæрджытæ, афтæ ма цалдæр хъæуы Дзау æмæ Цхинвалы районты.
Ног хабӕртты лентӕ
0