Хуссар Ир æрсидт баразæнгард кæнын Гуырдзыстоны æбæрæгæй фæсæфæг адæмы агуырдмæ

© Sputnik / Natalia AiriyanÆбæрæгæй фæсæфæг адæмы бон
Æбæрæгæй фæсæфæг адæмы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци Женеваг дискусситыл Фæскавказы æдасдзинады фæдыл æрсидт æхсæнадæмон æхсæнылæгтæм, цæмæй баразæнгард кæной Гуырдзыстоны рахизын æцæг архайдмæ Хуссар Ирыстоны æбæрæгæй фесæфæг æмбæстæгты агуырды хъуыддаджы. Уый тыххæй дискусситы 58-æм раунды фæстиуджытæм гæсгæ фехъусын кодта хуссарирыстойнаг делегаци.
Дискусситы радон раунд ацыд Женевайы 11-12 июлы, хайад дзы райстой Хуссар Ирыстон, Абхаз, Уæрæсе, Гуырдзыстон æмæ АИШ делегацитæ, афтæ ма Евроцæдис, ИНО æмæ ОБСЕ минæвæрттæ. Хуссар Ирыстоны делегацийы сæргъ лæууыд РХИ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин.
"Хуссарирыстойнаг фарс æрсидт æхсæнадæмон æхсæнылæгтæм, цæмæй баразæнгард кæной Гуырдзыстоны рахизын æцæг архайдмæ Хуссар Ирыстоны æбæрæгæй фесæфæг æмбæстæгты агуырды хъуыддаджы", - бахахх кодта РХИ минæвæрттæ.
Лигъдонты проблемæйы фæдыл дискусси 58-æм фембæлды рæстæджы дзырд нæ цыд, уымæн æмæ ИНО Генералон ассамблей 7 июны Гуырдзыстоны хъæппæрисæй райста радон резолюци ацы темæйы фæдыл.
"Ацы резолюцийы райст, кæцыйы проект æрвылаз хæссы Гуырдзыстон, Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Уæрæсейы делегацитæ банымадтой политизацигонд къахдзæфыл, кæцы хъыгдары гуманитарон проблемæйы скъуыддзаг Женеваг дискусситы фæлгæтты", - фехъусын кодта хуссарирыстойнаг фарс.
Дискусситы радон раунд нывæндынц ауадзын 2023 азы декабры.
Ног хабӕртты лентӕ
0