Хуссар Ирӕн нӕ рахицӕн кодтой квотӕтӕ ӕфсӕддон-медицинон академимӕ Петербурджы – РХИ ХМ

© Sputnik / Игорь РуссакКировы номыл Санкт-Петербурджы ӕфсӕддон-медицинон академи
Кировы номыл Санкт-Петербурджы ӕфсӕддон-медицинон академи - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстонӕн нӕ рахицӕн кодтой квотӕтӕ Кировы номыл Санкт-Петербурджы ӕфсӕддон-медицинон академимӕ, уый фӕдыл ахуыргӕнӕндонмӕ абитуриентты ӕвзӕрст 2023-2024 азтӕм нӕ цӕуы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрад (ХМ).
"Абоны бон РХИ Хъахъхъӕнынады министрадӕн радтой ӕрмӕстдӕр цалдӕр бынаты ординатурӕмӕ. Уӕлӕмхасӕн бынӕттӕ рахицӕн кӕныны фӕдыл куыст уадзы РХИ Гарзджын тыхты командӕкӕнынад", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн квотӕтӕ куы рахицӕн кӕной, уӕд организаци скӕндзысты конкурсон фӕлварӕнтӕ.
Раздӕр хъусын кодтой, зӕгъгӕ, Санкт-Петербурджы ӕфсӕддон-медицинон академимӕ бацӕуын кӕй фӕнды, уыцы абитуриентты ныййарджытӕ ӕртыццӕджы фембӕлдысты республикӕйы президент Гаглойты Аланимӕ. Уыдон фехъусын кодтой президентӕн, Хъахъхъӕнынады министрад сын фӕлварӕнты хӕдразмӕ кӕй фехъусын кодта, квотӕтӕ дзы кӕй нӕй, уӕд та фӕцис документтӕ бадӕттыны ӕмгъуыд ӕндӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм. Гаглойты Алан дзырд радта баххуыс кӕнын аскъуыддзаг кӕнын ацы проблемӕ ӕмӕ банысан кодта, ацы здӕхты куыст ныридӕгӕн кӕй цӕуы.
Ног хабӕртты лентӕ
0