Цхинвалы "Плодопитомник"-ы централон хаймӕ рухс бауадздзысты президенты бацыды фӕстӕ

© SputnikГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембӕлд "Плодопитомник"-ы цӕрджытимӕ, кӕцытӕ уымӕй размӕ ныффыстой коллективон фыстӕг паддзахады разамынадмӕ.
Цӕрджытӕ ацы зындзинӕдтимӕ ӕмбӕлынц ныр дӕс азӕй фылдӕр. Фыццаг хӕдзӕрттӕ Шанхай микрорайоны сӕрмӕ быдыры фӕзындысты 2000-ӕм азты, уӕд ам фыццаг цӕрӕнуӕттӕ самадтой Ӕхсӕнадӕмон сырх дзуары комитеты миссийы ӕххуысӕй лигъдӕттӕн, уый фӕстӕ ма дзы самадтой сӕхи тыхтӕй адӕм дӕр. Ацы хӕдзӕрттӕн се 'мбисмӕ нӕ цӕуы рухс.
Президент фембӕлды рӕстӕджы бахӕс кодта Энергоресурсы разамынадӕн, цӕмӕй фарст лыг ӕрцӕуа.
Уагдоны разамонӕг Къӕбысты Ацӕмӕзы ныхӕстӕм гӕсгӕ, дӕс бонмӕ хӕдзӕрттӕ се 'пӕтт дӕр ифтонг ӕрцӕудзысты электрон рухсӕй.
Фембӕлды рӕстӕджы ма цӕрджытӕ радзырдтой президентӕн сӕ аннӕ ахсджиаг проблемӕтыл - цӕрӕнуӕттӕм цӕуы ӕвзӕр фӕндаг, нӕй дзы канализаци ӕмӕ тыхсынц сӕ хӕдзӕрттӕн кӕй нӕй дырыс адрестӕ, уымӕй.
"Тагъд ӕххуысмӕ куыд фӕдзурӕм, уый дӕр нӕ фӕзонӕм. Иууылдӕр нын ис иу адрес - "Плодопитомник", - загъта цӕрджытӕй иу Къобесты Нази.
Президент Гаглойты Алан бафиппайдта, ацы фарстыты фылдӕр хай скъуыддзаг кӕнгӕ сты Цхинвалы районы ууылты, уымӕн ӕмӕ зӕххытӕ сты сӕ дӕлбар
Ног хабӕртты лентӕ
0