Хуссар Иры парламент сентябры онг ацыд сæрдыгон каникулты

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 июл - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент ацыд сæрдыгон каникулты.
Фæстаг рабадтыл депутаттæ сфидар кодтой Контролон-нымайæн палатæйы сæргълæууæг æмæ йæ хæдивæджы кандидатурæтæ, афтæ ма хорзыл банымадтой ивындзинæдтæ Хъалонты кодекс æмæ цæрæнуатон политикæйы фæдыл законмæ.
Уымæй дарддæр депутаттæ байхъуыстой лигъдонты фæдыл парламентон къамисы хыгъдлæвæрдон докладмæ.
"Уырны мæ, алкæцы депутат дæр йæ хъус кæй æрдардзæн йæ æвзарджытæм, цæмæй сын каникулты фæстæ æркæсæм сæ фарстытæм", - банысан кодта спикер Æлборты Алан.
Депутатты каникултæ адарддæр уыдзысты цыппæрæм сентябры онг.
Ног хабӕртты лентӕ
0