Паддзахад бафиддзӕн фӕйнӕ 100 мин сомы зынгсирвӕзттӕй ӕртӕ зианбаййафӕгӕн Хуссар Иры

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахад бафиддзӕн фӕйнӕ 100 мин сомы зынгсирвӕзттӕй ӕртӕ зианбаййафӕгӕн Хуссар Иры
Паддзахад бафиддзӕн фӕйнӕ 100 мин сомы зынгсирвӕзттӕй ӕртӕ зианбаййафӕгӕн Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад финансон ӕххуыс бакӕндзӕн республикӕйы ӕртӕ ӕмбӕстагӕн, кӕцыты мулк бахъыгдард зынгсирвӕзтты фӕстиуӕгӕн. Министрты кабинет ӕртыццӕджы хорзыл банымадта хицауады фӕсауӕрцон фондӕй фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕныны фарст.
Фæйнæ 100 мин сомы рахицæн кодтой Цхинвалы цæрæг Тедеты Вячеславæн, Теделеты хъæуы цæрæг Танделаты Хасанæн æмæ Дзауы поселочы цæрæг Пæррæстаты Владимирæн.
Тедеты Вячеславы мулк бахъыгдард зынгсирвæзты фæстиуæгæн ивгъуыд аз 20 марты, Танделаты Хасаны хæдзары зынгсирвæзт æрцыд фарон апрелы. Ацы аз июны та зынгсирвæзт зиан æрхаста Пæррæстаты Владимирæн.
Финансты министры ныхæстæм гæсгæ, ацы фæрæзтæ рахицæн кæныны фæстæ хицауады фæсауæрцон фонды хыгъдыл баззад 14-æй фылдæр милуан сомы.
Зынгсирвæзт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2023
Хуссар Иры хъæутæй иуы скъæты зынгсирвæзты фæстиуæгæн фæмард хæдзарон фос
Ног хабӕртты лентӕ
0