Израилы æфсæддонтæ фехъусын кодтой сектор Газайы операцийы æрлæууын кæныны домæнтæ

© AP Photo / Ariel SchalitИзраилы æфсæддонтæ фехъусын кодтой сектор Газайы операцийы æрлæууын кæныны домæнтæ
Израилы æфсæддонтæ фехъусын кодтой сектор Газайы операцийы æрлæууын кæныны домæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 окт - Sputnik. Изралы æфсад æрлæууын кæндзæн сектор Газайы уæлзæххон операци, кæд æмæ ХАМАС рауадза уацайрæгты æмæ йæхи радта, фехъусын кодта Израилы Хъахъхъæнынады æфсады (ЦАХАЛ) пресс-сектретарь Джонатан Конрикус.

"ХАМАС куы рацыдаид йе ᾿мбæхсæнтæй, сабыр цæрджыты фæстæ куы не ᾿мбæхсид, ныр куыд аразынц афтæ, нæ уацайрæгты нын куы раздæхтаид, се ᾿ппæтæй 212 æмæ сæхи куы радтаиккой æнæдзырдæй, уæд хæст фæуыдаид. Куы нæ сæххæст кæной уый (домæнтæ – ред.), уæд махæн, æвæццæгæн, æндæр гæнæн нæ уыдзæн æмæ йæ сараздзыстæм (ауаддзыстæм уæлзæххон операци – ред.)", - æрхаста РИА Новости Конрикусы цитатæ.

Уыимæ иумæ пресс-секретарь нæ радта æргом дзуапп, цавæр у ЦАХАЛ сæйрагдæр нысан: ХАМАС скуынæг кæнын æви уацайрæгты ссæрибар кæнын.
Израиль фехъусын кодта паддзахады горæтты кæй æрлæууын кодтой хæстон архайд  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.10.2023
Израиль фехъусын кодта, паддзахады горæтты кæй æрлæууын кодтой хæстон архайд
Ног хабӕртты лентӕ
0