Хуссар Иры паддзахадон театр цӕттӕ кӕны спектакль "Борис Годунов"

© Sputnik / Наталья АйриянТеатр
Театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театр декабры астӕу бавдисдзӕн спектакль "Борис Годунов". Александр Пушкины пьесӕмӕ гӕсгӕ ӕрмӕг ӕвӕрд цӕуы Уӕрӕсейы культурӕйы министрады заказмӕ гӕсгӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг, режиссер Дзудцаты Тамерлан.
Спектакль ӕмрӕстӕджы цӕттӕ цӕуы дыууӕ паддзахадон ӕвзагыл. Ӕрмӕг ирон ӕвзагмӕ раивта дзӕнӕттаг поэт ӕмӕ тӕлмацгӕнӕг Гобозты Валерий.
"Трагедийы сӕйраг фӕлгонц сӕххӕст кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны адӕмон артист Гаглойты Артур, Григорий Отрепьевы фӕлгонц та ис артист Уалыты Георгийы бӕрны. Мария Мнишекы ирон сценӕйыл сӕххӕст кӕндзӕн Кокойты Нина", - загъта уый.
Уый ма банысан кодта, сӕйраг хъайтартӕй дарддӕр ма спектаклы архайы стыр сфӕлдыстадон къорд, сӕ нымӕцы Мӕскуыйӕ хуынд художник-сценограф Юрий Хариков, спектакльты дарӕс та ис зынгӕ дизайнер Бекъойты Хохы бӕрны.
Спектакль куы сцӕттӕ уа, уый фӕстӕ ӕвдыст ӕрцӕудзӕн цыппар уӕрӕсейон фестивалы
Ног хабӕртты лентӕ
0