Хуссар Иры ацæудзæн хæрзаудæн концерт Цхинвалы скъола-интернаты æххуысæн

© Fotolia / CarloscastillaХуссар Иры ацæудзæн хæрзаудæн концерт Цхинвалы скъола-интернаты æххуысæн
Хуссар Иры ацæудзæн хæрзаудæн концерт Цхинвалы скъола-интернаты æххуысæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы ацæудзæн хæрзаудæн концерт Цхинвалы скъола-интернаты æххуысæн, фехъусын кодта Sputnik концерты организатортæй иу, парти "Ныхас"-ы фæсивæдон фадыджы активист Уалыты Александр.
Концерт ацæудзæн Паддзахадон киноконцертон зал "Чермен"-ы 7 декабры.
"Æрæмбырдгонд фæрæзтæ ацæудзысты Цхинвалы скъола-интернаты æххуысæн. Уый у нæ ногазон лæвар ахуырадон уагдонæн", - загъта Уалыты Александр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, концерты хайад исдзысты хуссарирыстойнаг эстрадæйы стъалытæ, сæ нымæцы ХИПУ студенттæ æмæ адæмон артисттæ. Ралæудзысты Харебаты Вадим, Тасойты Игорь, Лалыты Альберт, Бететы Алим, кафæн ансамбль "Арвырон" æмæ æндæртæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0