Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. Фыццаг хай. IX сæр

РАЗМÆ. Фыццаг хай. IX сæр
Рафыссын
Райсомæй Ислам тынг раджы райхъал. Йæ цæф къах æй хъыг дардта — знон бирæ кæй фæлæууыд, уый йыл фæзындис. Госпитæлы цыппар мæйы уыцы цæфæй фæхуыссыди. Хъæдгом байгас, фæлæ ма йын уæддæр хаттæй-хатт сриссы. Ислам ын йæ хос зоны.
Хъарм цъата йын хорз у. Зæнг хъарм фæагуры. Фæлæ нырма бинонтæ фынæй сты, йæхæдæг та сыстынмæ йæ ныфс нæ хæссы.
Ислам хуыссы æмæ зноны боны цаутæ йæ цæстытыл уайынц. Нади дæр æнкъард, кæуындзастæй. Йæ разы февзæры, æмæ уæд Ислам куыддæр фестъæлфы, пæ зæрдыл æрбалæууынц, куыд æй уарзта, куыд ын аргъ кодта, уыдæттæ. Нади йæм хæстмæ цы писмотæ æрвыста, уыдон се 'ппæт дæр лæууыдысты йæ зæрдыл.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0