Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. Фыццаг хай. X сæр

РАЗМÆ. Фыццаг хай. X сæр
Рафыссын
Хур дзæвгар суади, афтæ Мæхæмæт æмæ Мухтар рараст сты хъæуæй.
— Цæмæн нæм хъуамæ сида Бабаев, ницы йын зоныс?
— Нæ зонын. Æвæццæгæн, уалдзыгæнды тыххæй.
— Æрæджы йæм уыдтæн æмæ мын уæдæ куы ницы загъта, — хъуыдыгæнгæйæ дзырдта Мухтар.
— Цæй, рабæрæг уыдзæн, хæргæ нæ нæ акæндзæн. Уыдоны дæр, æвæццæгæн, уæллæгтæ басхойынц... Хъасболат кæд уым уа, уæд раздæр уымæ бауайдзыстæм.
— Уæллæй, Мæхæмæт, дæ хъуыды хорз у. Цæмæн нæм сидынц, уый Хъасболат зондзæн. Дæуæн æй зæгъдзæн, де 'рдхорд куы у.
— Хъасболат бæргæ лæг у, мæнæй ницы бамбæхсдзæн. Райоиы ахæм хъуыддаг нæй, æмæ мæнæй кæй басусæг кæна...
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0