Уалдзæджы донласт хид Дзæуджыхъæуы сног кæндзысты 2024 азы кæронмæ

© Sputnik / Игорь Маслов /  Ахизын медиабанкмæУалдзæджы донласт хид Дзæуджыхъæуы сног кæндзысты 2024 азы кæронмæ
Уалдзæджы донласт хид Дзæуджыхъæуы сног кæндзысты 2024 азы кæронмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 дек – Sputnik. Терчы цæугæдоны ауалдзæджы майы мæйы пырх хиды арæзтад йæ кæронмæ бахæццæ уыдзæн 2024 азы фæудмæ. Цæгат Ирыстоны хицауад фехъусын кодта, ацы аз кæй райдайдзысты реконструкцийы куыстытæ.
Ногир æмæ Михайловскы ᾿хсæн 100 метрон конструкцийæ доны ныххауд 25 метры бæрц, уымæ гæсгæ транпортон таг зынгæ фæивта. Ацы хидыл цыд иууыл цыбырдæр фæндаг, æрвылбон ыл хызтысты мингай транспортон иуæгтæ. Ныртæккæ пайда кæнынц æндæр хидæй, уымæ гæсгæ фæтынгдæр сты фæндагон къуылымпытæ æмæ фæфылдæр ис ФТЦ нымæц.
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло радзырдта, арæзтад кæй райдайдзысты ног бюджетон хæстæ куыддæр фидаргонд æрцæуой, афтæ. Реконструкци слæудзæн 757 милуан сомы, фæрæзтæ цæудзысты федералон бюджетæй.
Ногираг хид арæзт æрцыд 1971 азы, капиталон цалцæг нæ уыд æрдæг æнусы бæрц.
Ног хабӕртты лентӕ
0