Владимир Путин ӕрцыд кусӕгон балцы Абу-Дабимӕ

© Sputnik / Виталий БелоусовАбу-Даби.
Абу-Даби. - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 дек – Sputnik. Уӕрӕсейаг лидер Владимир Путин ӕрцыд ОАЭ-йы столицӕмӕ, цы ран ауадздзӕн баныхас президент Мухаммед Бед Заид Аль Нахайянимӕ, хъусын кӕны РИА Новости.
Уӕрӕсе ӕмӕ ОАЭ разамонджытӕ ӕрныхас кӕндзысты уӕрӕсейаг-эмиратаг ӕмгуыстады дарддӕры райрӕзтыл, боны фӕткы ма уыдзӕн актуалон ӕхсӕнадӕмон проблематикӕ, цы ран акцент ӕвӕрд уыдзӕн Ӕввахс Скӕсӕны регионы хъуыддӕгтыл.
Уӕрӕсейаг лидеримӕ ацыд хицауадон къамис, йӕ скондмӕ бахызтысты: ФХМ сӕргълӕууӕг Сергей Лавров, фыццаг вице-премьер Андрей Белоусов, Минпромторгы сӕргълӕууӕг Денис Мантуров, вице-премер Александр Новак, Централон банчы разамонӕг Эльвира Набиуллина, "Роскосмос"-ы сӕргълӕууӕг Юрий Борисов, "Росатом"-ы хистӕр Алексей Лихачев. Делегацийы сконды ма сты кусӕгон зылдты минӕвӕрттӕ.
Абу-Дабийы баныхасы фӕстӕ Владимир Путин ацӕудзӕн Эр-Риядмӕ – уым фембӕлдзӕн Саудаг Аравийы принц, Министрты советы сӕрдар Мухаммед Бен Сальман Аль Саудимӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0