Хуссар Иры депутаттæ ивындзинæдтæ бахастой 2023 азы паддзахадон бюджетмæ

© Sputnik / Михаил АвагимовРХИ Парламент
РХИ Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламент сфидар кодта ивындзинæдтæ 2023 азы паддзахадон бюджетмæ. Скъуыддзаг рахастæуыд закондæттæг органы сессийыл майрæмбоны.
Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Джиоты Елена банысан кодта, ивындзинæдтæ кæй бахастой 2020 азы COVID-19 хоскæнынадæн цы финансон фæрæзтæ рахицæн кодтой, уыдонæй цы 12 милуан сомы баззад, уыдоны фæдыл.
"Афтæмæй æфтиæгты иумæйаг суммæ рацыд 9 миллиард 95,6 милуан сомы, хæрдзтæ баззадысты æнæивгæ – 9 миллиард 629 милуан сомы. Бюджеты дефицит рацæудзæн 534 милуан сомы", - загъта уый.
Парламентаритæ растой ацы закон хъæлæсты фылдæр хайæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0