Хуссар Иры райстой паддзахадон бюджет 2024 азмæ

© Sputnik / Alexey Kudenko /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры райстой паддзахадон бюджет 2024 азмæ
Хуссар Иры райстой паддзахадон бюджет 2024 азмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламент сфидар кодта закон республикæйы паддзахадон бюджеты фæдыл 2024 азмæ.
Закондæттæг органы сессимæ фарст рахаста бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Джиоты Елена. Уый банысан кодта, 2024 азы бюджеты æфтиæгты иумæйаг бæрц кæй уыдзæн 8 миллиард 835 милуан сомы.
"Уыдонæй 5 миллиард 942 милуан сомы – финансон æххуыс Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзтæн. 1 миллиард 93,5 милуан сомы – финансон æххуыс бюджетон инвистицитæн. Хæрдзтæ рацæудзысты 9 миллиард 141 милуан сомы", - загъта уый.
Джиоты Елена бафтыдта, зæгъгæ, бюджеты дефицит фидæн аз уыдзæн 305 милуан сомы.
Депутатты фылдæр хай схъæлæс кодта ацы законы проект райсыныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0