Хуссар Иры депутаттæ хайад исынц УФ æмæ Белорусийы Цæдисон падддзахады æмбырды куысты

© Photo : Пресс-служба парламента РЮОХуссар Иры депутаттæ хайад исынц УФ æмæ Белорусийы Цæдисон падддзахады æмбырды куысты
Хуссар Иры депутаттæ хайад исынц УФ æмæ Белорусийы Цæдисон падддзахады æмбырды куысты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 дек - Spunik. Мæскуыйы уагъд цæуы Уæрæсе æмæ Белорусийы Цæдисы парламентон æмбырды 65-æм сесси. Æмбырды куысты УФ Паддзахадон Думæйы сæрдар Вячеслав Володины æрхуындæй хайад исынц Хуссар Ирыстоны парламенты сæргълæууæг Æлборты Алан æмæ депутат Дриаты Заза.
"Паддзахадон Думæйы разамонæг Вячеслав Володин ауагъта фембæлд Республикæ Белорусийы Националон æмбырды минæвæртты палатæйы сæрдар Владимир Адрейченкоимæ, Республикæ Абхазы парламенты спикер Лаша Ашубаимæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны парламенты сæрдар Æлборты Аланимæ", - хъусын кæны парламенты пресс-службæ.
Фембæлды рæстæджы дзырд цыд æхсæнпарламентон æмгуыстад æмæ социалон-экономикон æмархайды тыххæй Уæрæсе, Белоруси, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0