Белгороды областы æрыппæрстой украинæйаг ракетæ С-200

© Sputnik / Антон Вергун /  Ахизын медиабанкмæБелгород
Белгород - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 янв – Sputnik. Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой украинæйаг ракетæ С-200 Белгороды областы, фехъусын кодтой Хъахъхъæнынады министрады.
"Æстæм январы 07.00 сахатыл æрурæдтой Киевы режимы террористон атакæйы фæлварæн зенитон ракетæ С-200-йæ пайдагæнгæйæ Уæрæсейы Федерацийы территорийы объектыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Украинæйы Гарзджын тыхтæ 30 декабры сæххæст кодтой егъау цæф Белгородыл ракетæтæ "Ольха" æмæ залпон æхсты реактивон системæ Vampire-æй. Атакæйы амæттæгтæ баиcты 25 адæймаджы, сæ нымæцы фондз сабийы, сæдæ адæймагæй фылдæр райстой цæфтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0