Японийы зӕххӕнкъуыстыты фӕстиуӕгӕн амӕттӕгты нымӕц схызт 168 онг

© Sputnik / Александр КряжевЗӕххӕнкъуыст
Зӕххӕнкъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 янв – Sputnik. Японийы зӕххӕнкъуыстыты фӕстиуӕгӕн амӕттӕгты нымӕц схызт 168 онг, бастдзинадмӕ нӕ хизынц 323 адӕймаджы, хъусын кӕны РИА Новости.
Егъау зӕххӕнкъуыстытӕ ӕрцыдысты Японийы ныгуылӕны, ӕрдӕгсакъадах Нотойы районы, ног азы фыццаг бон, иууыл тыхджындӕры магнитудӕ уыд 7,6. Японийы ныгуылӕны донбылгӕрон 2011 азӕй фӕстӕмӕ фыццаг хатт расидтысты стыр цунамийы тӕссагдзинад. 1370 хӕдзарӕй фылдӕр фехӕлдысты, пырхыты бын нырма гӕнӕн ис уа адӕм.
Ног хабӕртты лентӕ
0