Хуссар Иры театр цӕттӕ кӕны ног спектакль "Саухъус ӕлдар"

© Sputnik / Наталья АйриянТеатр
Театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хетӕгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театр кусы Гаглойты Владимиры пьесӕмӕ гӕсгӕ спектакль "Саухъус ӕлдар"-ыл. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта театры аивадон разамонӕг Дзудцаты Тамерлан.
Спектакль уыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры репертуары ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм азты, уӕд ӕрмӕгыл куыста зындгонд режиссер Хуыгаты Геор.
"Ацы бонты мах сбӕрӕг кӕндзыстӕм спектакль "Борис Годунов"-ы премьерӕйы датӕ, уый фӕстӕ режиссер Чилӕхсаты Эдуард райдайдзӕн кусын "Саухъус ӕлдар" спектаклыл", - банысан кодта Дзудцаты Тамерлан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гаглойты Владимиры драмӕйы ӕвдыст цӕуы ирон ӕхсӕнад XIX райдайӕны.
"Премьерӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ацы аз марты", - банысан кодта режиссер.
Ног хабӕртты лентӕ
0