Гаглойты Алан бахæс кодта райдайын цæттæ кæнын УФ президенты æвзæрстытæм РХИ территорийыл

© Photo : Пресс-служба президента РЮОУФ президенты æвзæрстытæм цæттæкæнынад æмæ организацийы фæдыл рабадт
УФ президенты æвзæрстытæм цæттæкæнынад æмæ организацийы фæдыл рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны арæзт æрцæудзысты алы уавæртæ дæр, цæмæй республикæйы цæрæг Уæрæсейы æмбæстæгтæн сæ бон уа хайад райсын æвзæрстыты 2024 азы марты, фехъусын кодта президент Гаглойты Алан УФ президенты æвзæрстытæм цæттæкæнынад æмæ организацийы фæдыл рабадтыл.
Паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта райдайын кусын организацион фарстытыл, афтæ ма рæстæгыл хъусын кæнын проблемæты тыххæй, цæмæй оперативонæй скъуыддзаг цæуой. Тыхон структурæтæн президент бахæс кодта сæххæст кæнын æдасдзинад æвзæрстыты рæстæджы.
"Мах хъуыды кæнæм, иууыл уæззаудæр периодты Владимир Путин æххуыс кодта Хуссар Ирыстоны адæмæн. Раст уыдзæн, куы банысан кæнæм, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны адæм кæй уынынц уæлахиз, стабилондзинад æмæ фидæны райрæзт йемæ. Уый фæдыл мах хъуамæ саразæм алы уавæртæ дæр, цæмæй республикæйы цæрæг Уæрæсейы æмбæстæгтæн сæ бон уа хайад райсын æвзæрстыты", - фехъусын кодта Гаглойты Алан.
Президент бахахх кодта, ирон хæстонтæ кæй æххæст кæнынц сæ хæслæвæрдтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы, Хуссар Ирыстоны адæм та хъуамæ равдисой сæ бæрндзинад æмæ балæууой Владимир Путины фарс.
© Photo : Пресс-служба президента РЮОУФ президенты æвзæрстытæм цæттæкæнынад æмæ организацийы фæдыл рабадт
Совещание по вопросам подготовки к выборам президента России  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.01.2024
УФ президенты æвзæрстытæм цæттæкæнынад æмæ организацийы фæдыл рабадт
Ног хабӕртты лентӕ
0