Ленингоры районы дыууæ цæрæджы фæсайдтой Хуссар Иры Соцфонд 900 мин сомы суммæйыл

© Sputnik / Алексей МальгавкоЛенингоры районы дыууæ цæрæджы фæсайдтой Хуссар Иры Соцфонд 900 сомы суммæйыл
Ленингоры районы дыууæ цæрæджы фæсайдтой Хуссар Иры Соцфонд 900 сомы суммæйыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 янв – Sputnik. Ленингоры районы дыууæ цæрæджы фондз азы дæргъы æнæзаконæй истой дывæр пенси Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны. Хуссар Ирыстоны Соцфонд уымæй фесæфта 900 мин соммæ æввахс, хъусын кæны цыппæрæмы республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Фæстаг фондз азы дæргъы 69-аздзыд нæлгоймаг æмæ 63-аздзыд сылгоймаг пенси истой Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны дæр, уымæй уыдон æрхастой зиан республикæйы Соцфондæн 898 423 сомы бæрц", - дзырдæуы хъусинаджы.
МХМ бафтыдтой, зæгъгæ, æрмæджытæ бадæттой Генералон прокуратурæмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0