Цхинвал-Дзæуджыхъæу рейсон автобусы аргъ фæфылдæр уыдзæн 500 сомы онг

© Sputnik / Natalia Airiyan Автовокзал
Автовокзал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæфылдæр уыдзæн Цхинвал – Дзæуджыхъæу рейсон автобусы аргъ фæфылдæр уыдзæн 500 сомы онг, фехъусын кодта цыппæрæмы Паддзахадон унитарон куыстуат "УАТ РЮО"-ы администраци.
Уагдоны банысан кодтой, ацы мадзал æххæст кæй цæуы æртаджы аргъы фæфылдæры аххосагæй.
"Æртаг æмæ автотранспорты хæйтты æргътæ кæй фæфылдæр сты, уый фæдыл 2024 азы 15 январæй Цхинвал – Дзæуджыхъæу маршруты рейсон автобусы аргъ уыдзæн 500 сомы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0