Цхинвалы цæрæджы æрцахстой наркотиктæй пайда кæныны тыххæй

© ЦОС ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы цæрæджы æрцахстой наркотиктæй пайда кæныны тыххæй
Цхинвалы цæрæджы æрцахстой наркотиктæй пайда кæныны тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны наркотиктæм хъусдарды фæткдаруаты кусджытæ æрцахстой республикæйы 35-аздзыд цæрæджы наркотикон æмæ психотропон буарадтæй пайда кæныны тыххæй. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Цхинвалы наркотиктæм хъусдарды фæткдаруаты кусджытæ Паддзахадон автоинспекци æмæ Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордимæ иумæ æрурæдтой хæдтулгæ ВАЗ 2109, кæцыйыл скъæрдта горæты 35-аздзыд цæрæг", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Хисæрмагонд басгæрсты рæстæджы шофыр бафæлвæрдта аппарын шприц наркотикимæ.
"Шприц райстой æмæ йæ арвыстой иртæстмæ, кæцы равдыста – шприцы уыд наркотикон буарад "Метадон" 0,6 мл массæимæ", - бафтыдтой министрады.
Уагдоны банысан кодтой, нæлгоймаджы кæй фæивар кодтой 4 мин сомы бæрц, афтæ ма йæ æрцахстой иу мæйы æмгъуыдмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0