РХИ парламенты ивындзинæдтæ бахастой ФХМ системæйы граждайнаг службæйы фæдыл законмæ

Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik. "РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады системæйы паддзахадон граждайнаг службæйы фæдыл" законы проектыл дзырд цыд дыццæджы æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон басдзинæдты фæдыл парламентон комитеты рабадтыл.
Парламенты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй рабадт ацыд профилон комитеты сæрдар Дриаты Зазайы къухдариуæгады бын.
"ФХМ сæргълæууæг Джиоты Æхсар лæмбынæгæй базонгæ кодта депутатты ивындзинæдтимæ. Йæ раныхасы министр банысан кодта, ивындзинæдтæ кæй хауынц фæсарæнты уæвæг дипломатон службæйы кусджыты финанскæнынадимæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Нысангонд æрцыд, республикæйы бюджеты фаг финансон фæрæзтæ ныртæккæ кæй нæй, уый фæдыл законы кæцыдæр уагæвæрдтæ æххæстæй реализаци цæудзысты 2025 азы 1 январæй.
Законы проектыл дзырд цæудзæн РХИ парламенты президиумы радон рабадтыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0