Цхинвалы ацыд национ балет "Фатимæ"-йы премьерæ

© Sputnik / Аманда ТомаеваЦхинвалы ацыд национ балет "Фатимæ"-йы премьерæ
Цхинвалы ацыд национ балет Фатимæ-йы премьерæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.01.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы Паддзахадон драмон театры сценæйыл ацыд Хетæгкаты Къостайы поэмæмæ гæсгæ æвæрд национ балет "Фатимæ"-йы премьерæ, кæцымæ музыкæ ныффыста номдзыд ирон композитор Плиты Жанна.
Равдыст ацыд Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады æрхуындмæ гæсгæ æмæ нывонд уыд композиторы амæлæты афæдзы боны цытæн.
Йæ видеобадзырды Паддзахадон академион Мариинаг театры аивадон разамонæг – директор Гергиты Валерий бузныг загъта хуссарирыстойнаг кæсджытæн сæ цымыдисы тыххæй премьерæмæ.
"Абон балет "Фатимæ"-йы равдыстæй мах æххæст кæнæм нæ хæс Плиты Жаннайы раз æмæ нæ фæнды, цæмæй сымах уат æвдисæнтæ асхджиаг æмæ æнтыстджын скъуыддзагæн – сæвæрын балет нырма Дзæуджыхъæуы, стæй та Цхинвалы", - банысан кодта Гергиты Валерий.
Уазджытæ æмæ труппæйæн арфæйы ныхæстæ загъта хицауады сæрдар Джуссойты Константин. Хицауады сæрдар Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы номæй схорзæхджын кодта къорд артисты.
Театралон аивады райрæзт æмæ бирæазон сфæлдыстадон архайды тыххæй кадджын ном "Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг" райстой балетмейстер Суанты Валерий æмæ дирижер Æлбегаты Георгийæн.
Театралон аивады фадыджы пайдаджын сфæлдыстадон архайды тыххæй кадджын ном "Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг" райстой прима-балерина Виолетта Магомедханова æмæ Малиты Азæмæт.
Ног хабӕртты лентӕ
0