Такер Карлсон раппæлыд метройы станц "Киевская"-йæ

© AP Photo / Seth WenigТакер Карлсон
Такер Карлсон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik. Америкæйаг журналист Такер Карлсон, кæцы æрæджы Мæскуыйы райста интервью Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путинæй, радзырдта йæ зæрдæмæ тынг кæй фæцыд мæскуыйаг метройы станц "Киевская", кæцы "у Америкæйы Иугонд Штатты цæмæйфæнды дæр хуыздæр", хъусын кæны РИА Новости.

"Ацы станц сарæзта Иосиф Сталин 70 азы размæ. Æмæ ныр, 70 азы фæстæ куыд фидауы? Мах бахызтыстæм æмæ цы федтам, уый нæ дисы бафтыдта. Куыд ис гæнæн æмæ Уæрæсейы, кæцы, махæн куыд дзурынц, афтæмæй у æртаджы станц ядерон хæцæнгарзимæ, ис ахаем метро, кæцыйыл алы бон дæр хуымæтæджы адæм цæуынц сæ куыстытæм æмæ хæдзармæ, æмæ уый у нæ бæстæйы цæмæйфæндыдæр аивдæр", - дзуры Карлсон видеойыл, кæцы рауагъта йæ фарсыл социалон хызæг "Х"-ы.

Карлсон загъта, зæгъгæ америкæйæг метроимæ абаргæйæ, мæскуыйаджы уый нæ федта бырон, граффититæ æмæ наркоманты, афтæмæй уый банысан кодта станцы сыгъдæгдзинад.
Путины интервью Карлсонæн мыхуыры рауагътой 9 февралы æхсæвы.
Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2024
Хӕст райдыдта Украинӕ, Уӕрӕсейы нысан – ӕрлӕууын ӕй кӕнын: цы загъта Путин йӕ интервьюйы
Ног хабӕртты лентӕ
0