Ленингоры ацыд Цгъойты Сурены номарӕн турнир дзюдойӕ

© Photo : Пресс-служба Ленингорского районаЛенингоры ацыд Цгъойты Сурены номарӕн турнир дзюдойӕ
Ленингоры ацыд Цгъойты Сурены номарӕн турнир дзюдойӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры поселочы республикон турниры рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой иуыл тыхджындӕр дзюдоистты аст уӕзы категорийы, фехъусын кодта Sputnik-ӕн районы администрацийы пресс-службӕйы сӕргълӕууӕг Кокойты Анжела.
Ерыстӕ нывонд уыдысты ССРЦ чемпион, ССРЦ адӕмты фӕсивӕдон спартакиадӕйы призер, Латинаг Америкӕйы чемпион Цгъойты Сурены мысӕнӕн.
Турниры уӕлахиздзаутӕ ссисты Козаты Сослан, Хуыгаты Руслан, Дзабиты Руслан, Кудзиты Андрей, Георгий Гвазаза, Гуцаты Дзамболат, Бедойты Тенгиз ӕмӕ Ходты Михаил.
Кокойты Анжелайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ерысты рӕстӕджы Ленингоры районы администрацийы сӕргълӕууӕг Уалыты Муртаз раарфӕ кодта ӕрӕмбырдуӕджытӕн Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы Боны цытӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0